Алкайд
Внешний вид
Алка́йд (порт. Alcaide), алька́льд (исп. Alcalde) — ацы дзырд араббаг æвзагæй цæуы арабб. القاضى, al-qāḍī (кади, «тæрхонгæнæг») — астæуæзаманты Португали æмæ Испанийы, Реконкистæйы рæстæджы, административон æмæ æфсæддон хæсад, фæстæдæр райдыдта хæссын юридикон миниуджытæ: алкайд-иу хъусдарта закъæттæ æххæст кæнынмæ, къаролæй йын цы зæххытæ уыдысты фæдзæхст, уыдоны.
Нырдуджы Испанийы æмæ Латинаг Америкæйы иуæй-иу бæстæты алкайд хонынц муниципалитеты сæргълæууæджы.