[go: up one dir, main page]

Перейти к содержанию

Гуырдзыстон

42° с. ш. 44° в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гуырдзыстон
საქართველო
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «ძალა ერთობაშია»
«Тых у иудзинады»
Гимн: «თავისუფლება»
«Сæрибар»
Официалон æвзаг гуырдзиаг
Сæйраг сахар Тбилис (Калак)
Стырдæр сахартæ Тбилис (Калак), Кутаис, Батум
Хицауиуæджы хуыз Президентон республикæ
Президент Саломе Зурабишвили
Премьер-министр Мамука Бахтадзе
Парламенты спикер Арчил Талаквадзе
Территори
 • Æдæппæт 69 700 км²
Цæрджытæ
 • Бахыгъд (2018) 3 825 600 ад.
 • Сфыст (2014) 3 713 804 ад.
 • Æнгомад 65 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2014) 37,209 млрд. долл.
Валютæ лари
Интернет-домен .ge
Код ISO GE
ÆОК-ы код GEO
Телефонон код +995
Сахатон таг +4
Бæстæйы у декретон рæстæг
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гуырдзыстон кæнæ Гуырдзы (гуырдз. საქართველო [sakʰartʰʷelo]) у Кавказы æрдæгпрезидентон республикæ. Йæ конституцимæ гæсгæ цы зæххытæ хъуамæ ахса, уыдон цæгаты æмарæн сты Уæрæсеимæ, скæсæны Азербайджанимæ, хуссары Сомихимæ æмæ Туркимæ æмæ ныгуылæны та сын ис Сау денджызмæ ахизæн. Фæлæ уыцы зæххытæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæм сты, уыдонмæ йæ арм нæ дары. Хуссар Ирыстон ис Гуырдзыстоны сидт зæххыты астæуæй, Уæрæсейы æрдыгæй. Абхаз та ис йæ сидт зæххыты ныгуылæнæрдыгæй. Гуырдзыстоны хицауады сæйраг сахар у Тбилис (Калак), кæцы, иу милуанæй фылдæр цæрæгимæ, у бæстæйы стырдæр сахар. Йæ закъондæддæг тыхты сахар та у Кутаис. Гуырдзыстоны сидт зæххыты фæзуат у 69 700 квадратон километр, кæдонæй армдард сты 57 200[1]. Цæры дзы 4,5 милуан адæймаджы. Кæд географион æгъдауæй Гуырдзыстоны фылдæр хай Азимæ хауы, уæддæр культурон, экономикон æмæ политикон æгъдауæй Европæмæ арæх цæуы хаст. Гуырдзыстон тырны НАТО æмæ ЕЦ-ы уæнг суын.

1991-æм азы онг — Советон Цæдисы Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæ.

Бæстæйы президент у Саломе Зурабишвили.

Географи

[ивын | Бындур ивын]

Гуырдзыстон бынат кæны Фæскавказы. Бæстæйы фæзуат у 69 700 км² (Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон дæр нымайгæйæ). Гуырдзыстоны ис цалдæр стыргомау цæугæдоны — Къуар, Ингур, Рион æмæ æндæртæ.

1800-æм азы уæды Гуырдзыстоны бæстæтæй иу барвæндонæй бацыдис Уæрæсейы империйы скондмæ. 1810-æм азы Имерет дæр бацæуын кодтой Уæрæсемæ. Гуырдзиаг зæххытæ баиу сты, фæлæ гуырдзиаг паддзахад ууыл фæци.

Фæстæдæр, Уæрæсейы революци куы æрцыдис, Гуырдзыстон расидти хæдбардзинад, цалынмæ Сырх Æфсад йæ нæ бакодта социалистон паддзахады скондмæ.

Гуырдзыстоны цæрджыты фылдæр хай сты растуырнæг чырыстæттæ.

Административон дих

[ивын | Бындур ивын]

Административон æгъдауæй Гуырдзыстоны сконд у ахæм:

Уыдонæй Абхаз у, йæ хæдбардзинад ын дыууæ паддзахады кæмæн банымадтой, ахæм ног паддзахад. Уыцы дихмæ гæсгæ Имерет, Цхета-Мтианети, Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Сари æмæ Мидæггаг Картлимæ цы зæххытæ хауынц, уыдоныл лæууы æндæр ахæм паддзахад — Хуссар Ирыстон.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Æнæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæй.